Амазонкæ
Амазонкæ | |
---|---|
порт. Amazonas, исп. Río Amazonas | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 6992,06[1] км |
Бассейны фæзуат | 7 180 000 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Мараньон, Укаяли, Журуа, Пурус, Мадейра, Тапажос, Шингу, Токантинс, Иса, Жапура, Риу-Негру |
Доны хардз | 230000 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Мараньон æмæ Укаялийы баиу |
· Бæрзæнд | 110 м |
Донæфтæн | Атлантикон фурд |
· Бæрзæнд | 0 м |
Ран | |
Амазонкæйы бассейн | |
Паддзахæдтæ | Перу, Колумби, Бразили |
Амазо́нкæ (порт. Amazonas, исп. Río Amazonas) у цæугæдон Хуссар Америкæйы, йæ бассейны бæрцуат, йæ донарæх (уырыс. полноводность) æмæ йæ дæргъмæ гæсгæ у дунейы тæккæ егъаудæр цæугæдон. Сæвзæры дыууæ цæугæдоны, Мараньон æмæ Укаяли, куы баиу вæййынц, уыцы ранæй. Йæ дæргъ Мараньйоны сæйрагдæр гуырæнæй 6437 км, 20 æнусы кæрон цы гуырæн Апачетæ ссардæуыд, уырдыгæй та 7000 км хæстæг, Укайалийы гуырæнæй та 7000 км фылдæр. Бассейны фæзуат 7 180 мин км² (æндæр бæрæгнæнæнтæм гæсгæ та 6 915 мин км²).
Амазонкæйы бассейны фылдæр хай хауы Бразилимæ, хуссар-ныгуылæн æмæ ныгуылæны районтæ та — Боливийæн, Перуйæн, Эквадорæн æмæ Колумбийæн. Амазонкæ фылдæр кæлы Амазонкæйы дæлвæзыл экваторы фæрсты, æфты Атлантикон фурдмæ æмæ аразы дунейы тæккæ стырдæр дельтæ (йæ фæзуат у 100 мин км² фылдæр).
Амазонкæйы æфсадынц бирæнымæцон фæрсагдæттæ: иу-20 дзы сты 1500 км даргъдæр.
Тæккæ дзæвгардæртæ: рахизырдыгæй — Журуа, Пурус, Мадейра, Тапажос, Шингу, Токантинс; галиуырдыгæй — Иса, Жапура, Риу-Негру.
Доны астæуккаг хардз дæллаг гуылфæны у 220 мин м³/с мæ æввахс (ивы сезонтæм гæсгæ 70-æй 300 мин м³/с æмæ фылдæр). Азмæ дзы доны хардз вæййы 7000 км³ (15% азы дунейы цæугæдæтты доны хардзæй. Фидар акæлæн — 1 миллиард тоннæй фылдæр. Æрбаивылдтытæ хъарынц цæугæдоныл уæлæмæ 1400 км æмæ донæфтæны саразынц поророкæ.
Фæрсагдæттимæ Амазонкæ аразы мидæггаг доны фæндæгты системæ йæ дæргъ 25 мин км-æй фылдæр кæмæн у, ахæм. Амазонкæйы сæйраг донвæд наудзон у 4300 км уæлæмæ суанг Андты уонг. Сахар Манаусы уонг (1690 км донæфтæнæй) уæлæмæ цæуынц денджызон наутæ.
Сæйраг наулæууæнтæ (дæлæйæ уæлæмæ): Белен, Сантарен, Обидус, Манаус (Бразили), Икитос (Перу).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Ацы цæугæдон европæйæгтæй фыццаг байгом кодта конкистадор Франсиско де Орельяна, уый фыццаг цæхгæрмæ абалц кодта Хуссар Америкæйыл йæ тæккæ уæрæхдæр хайы. 1542-æм азы сæрды йæ бал, дам, цыма федта таурæгъон амазонкæты æмæ семæ тохы бацыдис. Абон нымайынц уыцы «амазонкæтæ» уыдысты кæнæ индейаг сылгоймæгтæ кæдон тох кодтой сæ лæгты фарсмæ кæнæ даргъдзыкку индейæгтæ æмæ сæ испайнæгтæ сылгоймæгтыл банымадтой. Фыццаг де Орельяна хъавыди цæугæдон йæхи номæй схонын фæлæ ацы цауы фæстæ æрлæууыдис «Амазонка» вариантыл.
Нырид 1553-æм азы ном Амазонкæты цæугæдоны кой цæуы Сьеса де Леоны чиныг «Перуйы хроникæ»-йы:
«Ныр дæр ма æссарынц æмæ байгом кæнынц ахæм æбисонды дæргъ æмæ асимæ æмæ сæ банымайын ис арæхдæр фурды бакæлæнтыл зæххыл кæлæг цæугæдæттыл нæ фæлæ. Афтæ цæстыл уайы уымæй цæй кой кæнынц бирæ испайнæгтæ, чи уыди Аделантадо Орельянаимæ (исп. Orillana) æмæ дзурынц Перуйæ цæгатаг фурдмæ цы цæугæдон кæлы (ацы цæугæдон фылдæрхатт фæхонынц Амазонкæты цæугæдон (исп. de los Amazonas), кæнæ Мараньон (исп. del Maranon) — æмæ йæ дæргъ у мин лигæйæ фылдæр йæ фæтæн та ранæй-рæтты 25 лигæйæ фылдæр.»[2]
Фыццаг джиппы уагъд Амазонкæйыл балцы тыххæй уацмыс ныффыста Кристобаль де Акунья.
-
Амазонкæйы раивылд спутникæй
-
Амазонкæйы донæфтæн спутникæй
Флорæ æмæ фаунæ
[ивын | Бындур ивын]Амазони дисы æфтауы фаунæ æмæ флорæйы хъæздыгдзинадæй. Тынг стыр тыгъдады цæрынц миллионæй фылдæр алы хуызон зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызы, æмæ ацы бæстæ æнæ æгæргæнæнæй ис схонын дунæйы генетикон фонд. Ахуыргæндтæ зæгъынц, тропикон хъæды 10 км² хауы 1,5 мин хуызы дидинджытæ, 750 хуызы бæлæстæ, 125 хуызы æхсырæйцæрджытæ, 400 хуызы циутæ æмæ æнæнымæц уырынгонты мæ æнæрагъыстæджыты хуызы. Ацы хуызтæй бирæтæ фыст æмæ идентификацигонд дæр нема æрцыдысты.
Амазонкæйы бассейны йæхи айтыгъта дунейы тæккæ егъаудæр уымæл тропикон хъæд. Ацы æнахуыр æрдзон зайæгон сырæзты сурæт радта Александр фон Гумбольдт Хуссар Америчы балцы куы уыд 1799—1804-æм æзты æмæ йæ схуыдта гилейæ (бердзенаг «гилестон» — хъæд). Æдзухцæх æкваториалон хъæды бæстыхъæд тæвд æмæ уымæл; æрвылаз температурæ змæлы афтиддæр 25-28 °C арæнты, суанг ма талынгæй дæр 20 °C дæлдæр не хауы. Уарыны дæлдзырæттæ (уырыс. осадки) ам сты æвæджиау парахат: азы мидæг сæ бæрц свæййы 2000-4000 мм, иуæй-иу хатт та фылдæр дæр рауайынц. Хъæды мидæг æнæдымгæ, сабыр, афтиддæр тыхдымгæйы рæстæг бæлæсты цъуппытæ фæйлауынц. Бæхджын сыфты æмæ кæрæдзийыл тыхст лианæты уылты бæлæсты бынмæ рухс рестмæ нæ кæлы, абухæг зайæгхалтæ та змæлын зынтæй уадзынц. Гыццыл ауайыны тыххæй дæр арæх фæхъæуы фæндаг айгæрдын.
Ацы быннæтты тæккæ характерон дæр у лианæты парахат — тæнæг, тагъдзайæг зæнджыты, кæдоны дæргъ хæццæ фæкæны 100 метрмæ. Ацы зайæгойтæ æртухынц сæхи бæласы зæнгтыл æмæ къабузтыл, бахæццæ вæййынц бæлæсты сæрмæ æмæ уым æссарынц царддæттæг рухс; уым акъабуз кæнынц, дидинæг акалынц æмæ дыргъ раттынц. Бæласыл схилын æмæ хæцын сын æххуыс кæнынц алы хуызон фæцарæхстытæ (рихитæ, сындзытæ, къæпсыртæ). Æцæг диссаг зайæгойты дунейы у Victoria regia, егъау дурындзæг, афтæ хъæддых у æмæ адæймаджы уæз фæразы.
Цæугæдæттæм æввахс арæх ис фæнын капибарæ — дунейы тæккæ дынджырдæр æхсынаджы (йæ буары уæз иу 50 кг). Дондарæнмæ цы цæрæгойт æрбацæуы уыдоны хъахъхъæнынц анакондæтæ — ацы æлхъивгæлмытæ, кæлмытæй тæккæ егъаудæртæ, цуан кæнынц доны мидæг дæр æмæ сæ бон у кайманы дæр бахурх кæнын. Амазонийы хъæздыг цæрæгойты дунейы миневæрттæ сты æдзæххдоны цæрæг сæмсгæф инияйæ æмæ нутрийæ (Европæйы ацы чысыл сырды дарынц тины фермæты). Амазонкæйы былгæрæтты цур ис фембæлæн тапирыл — заманайы ленкгæнæгыл, афтæмæй йæ буары уæз хæццæ кæны 200 кгмæ. Фæцæуы донмæ хæстæг къахвæдты иунæгæй, хæры сыфтæ къалиутæ æмæ дыргътæ, доны зайæгойты бирæ хуызтæй. Джунглиты тæккæ тæссагдæр цæрæгойтæй иу æмæ гæдыты бинонады тæккæ донуарзæгдæр минæвар, сæрбын кæнын хъом дæр у — ягуар. Гуаранизнæмы индейæгтæ йæ хонынц «d’iaguar».
Амазонкæйы æмæ йæ фæрсагдæтты цæрынц 2 мин хуызæй фылдæр кæсæгтæ, сæ алыхуызондзинад дисы бафтауы. Ныхасæн ардыгæй æсты бирæ популярон аквариумы даргæ кæсæгтæ дæр — зъæгæм, гуппитæ, цирхъдартæ æмæ скаляритæ. Афтиддæр ам цæры кæсаг tambaqui — сæ хæринаг донмæ каучук бæлæстæй цы мыггæгтæ æмæ дыргътæ æрхауы уыдон. Фембæлынц протоптертæ дæр — дунейыл гыццыл цы дыууæхуызонуылæфаг кæсæгтæ баззади уыдоны иу хуыз. Цæры дзы арована дæр дæргъмæ вæййы метры бæрц æмæ донæй геппытæ кæны цæмæй къалиутыл цы хъæндилтæ æрбынат кодтой уыдон ахæра. Амазонкæйы тæккæ хъуыстгонд цæрджытæй иутæ сты пираньятæ, чысыл кæсæгтæ сæ дæргъ 13æй 40 сантиметры уонг, сты диссаджы фыдгуыбын, лæбурæг царды æгъдау æрвитынц. Сæ бон у ныххауын стыр цæрегойтыл дæр (кæлмытыл кæнæ æхсырæйхæссджытыл), доны сæрты куы фæхизынц уæд. Адæмæн дæр тæссаг сты — туджы тæфмæ куы æрбамбырд вæййынц уæд сæ дзугтæ ныххауынц сæ æфтиагыл, дæндæгтæй стонынц дзидзайы хæйттæ æмæ амæттаджы стджыты уонг бахсынынц.
Экологи
[ивын | Бындур ивын]Амазонийы тархъæд — æнæбаивгæ экосистемæ у, æмæ йæ тынг тæссаг уавæры æвæры бæлæсты дзыллон къуырд. Тæккæ ныггæныстгонддæр æрцыдысты цæугæдоны былтæ Манаусы æмæ донæфтæны астæуты. ΧΧ-æм æнусы 70-йæм æзты дзевгар хæды тыхъдæдтæ фæстын кодтой хизæнуæттæ, æмæ уый расайдта мæры эрози. Уыцы территоритыл нырид нал ис æнæхæлд джунглитæ.
Хæдты эксплуатацийæ сефынц бирæ зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызтæ. Стæм хæттыты ма ис фæмбæлæн уырд Ptesonura brasilensis-йыл. Сæфгæ хуызты номхъыгъдмæ бахаудтой сырх бæлас Rio Palenque æмæ бразилиаг палисандр хæрзрæссугъд хъæдæрмæгимæ, аразынц дзы зынаргъ мебель.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Бразилийы националон космосон иртæстыты цæнтры æрмæджытæм гæсгæ
- ↑ Хроника Перу. Часть Первая. — Киев, 2008 (пер. А. Скромницкий) . Датæ: 2010-æм азы 16 январы. Архив 2012-æм азы 9 июлы.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Amazon River (river, South America) — Britannica Online Encyclopedia (англ.)
- БСЭ Архивгонд æрцыдис 11 апрелы 2009 азы.
- Амазонка Архивгонд æрцыдис 17 мартъийы 2010 азы. — Словарь современных географических названий
- Sean Markey. Amazon River Once Flowed Other Way, Study Says(англ.). National Geographic (25 октября 2006). Датæ: 2009-æм азы 3 мартъийы.
- Что такое Амазония — Клуб Мистических Путешествий.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Географический энциклопедический словарь, М., 1986.
- Открытие великой реки амазонок. М.: Географгиз, 1963