Перейти к содержанию

Ленинграды блокадæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Блокадæйы картæ

Ленинграды блокадæ (уырыс. Блокада Ленинграда) у Ленинграды хæстон блокадæ немыцаг, финнаг æмæ испайнаг (Æрвхуыз дивизи) æфсæдтæй 1941-æм азы 8 сентябрæй азæй 1944-æм азы 27 январы онг, ома 872 боны дæргъы. Блокадæйы дæргъы фæмардысты милуан адæймагæй фылдæр (уыдонæй уазал æмæ стонгæй — 632 253 цæрæджы[1]), стыр зиан æрхастæуыд культурон æмæ индустрион объекттæн.

1941-æм азæй 1942-æм азмæ зымæг уыдис рæстæмбис бæрæггæнæнтæй бирæ карздæр. Зæгъæм, 1942-æм азы рæстæмбис температурæ уыдис −18,7 °С, кæд æмæ 1743—2010 азты рæстæмбис у −8,3°С. Артаг нæ фаг кодта, æмæ цæрджытæ тынг фæхъизæмар кодтой уазалæй дæр. Трамвайты системæ нал куыста, æмæ адæм-иу дæсгæйттæй фæмардтой куыстæй сæхимæ цæугæйæ. Уыцы зымæг уыдис æппæт блокадæйы тæккæ зындæр рæстæг.

1943-æм азы 18 январы тугкæлæн тохы фæстæ сырхæфсæддонты къухы бафтыдис ссæрибар кæнын Ладогæйы хуссар был. Уыцы сурзæххы гæппæл, йæ уæрх уыдис айдагъ 8-11 км, сбаста Ленинград «стыр зæххимæ» æмæ бирæ фæхуыздæр кодта сахары уавæр, фæлæ блокадæ æппындæр аистæуыд æрмæст афæдзы фæстæ — 1944-æм азы январы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Сведения городской комиссии по установлению и расследованию злодеяний немецко-фашистских захватчиков и их сообщников о числе погибшего в Ленинграде населения ЦГА СПб, Ф.8357. Оп.6. Д. 1108 Л. 46-47