Перейти к содержанию

Сактæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Астæуккаг Ази I миназы нæ эрæйы агъоммæ: Скифи, Маргианæ, Парфи, Согъд, Хорезм
Сакты-цыргъхудты паддзах Скунха. Дарий I-ы Бехистуны фысты рельеф (VI æнус нæ эрæйы агъоммæ)

Сактæ (рагон перс. Sakā, рагон грекъ. Σάκαι, лат. Sacae) уыдысты рагон цæугæцарæг знæмтæ, чи цæрдысты нырыккон Астæуккаг Азийы æмæ дзырдтой скифаг æвзаджы скæсæйнаг диалекттыл. Сæ ном цæуы скифаг ныхасæй Saka, кæцы нысæн кæны «саг» нырыккон ирон æвзаджы.

Сакты къордтæ

[ивын | Бындур ивын]

Рагон персайнаг фыстæджытæ сакты дих кæнынц цыппар къорды:

  • сактæ-хаомаваргæ, "хаома-æхсидгæ" — цæрдысты цæугæдон Мургабы тæрфы, Геродот æмæ ’ндæр антикон автортæ хуыдтой сæ «амюргитæ».
  • сактæ-тиграхауда, "цыргъхудтæ" — цæрдысты Тянь-Шаны хæххты цур, æрæх сæ æмхуызон кæнынц антикон авторты массагеттимæ.
  • сактæ-парадарайя, "фæсденджызы цæрджытæ".
  • сактæ-парасугудам, "фæссогъдиагтæ", "Согъды фæстæ чи цæрынц" — цæрдысты Аралы денджызы бассейны, Сырдарья æмæ Амударьяйы тæрфы.