Перейти к содержанию

Эребуни

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эребунийы æмбонд, нырыккон реконструкци

Эребуни (сом. Էրեբունի) у, нæ эрæйы агъоммæй VI æнусы йæ цæрджытæ кæй ныууагътой, ахæм рагон сахар Сомихы территорийыл Ереванмæ хæстæг. Эребуни уыд Урартуйы сахартæй иу, уыдис дзы фидар гæнах æд дурæй конд донуадзæн.

Эребуни æмæ Ереван æмхуызон кæй зæлынц, уый тыххæй Эребунийы сæвзæрды датæ арæх хонынц Ереваны бындурæвæрды датæ, кæд уыцы ран нæ эрæйы агъоммæ IV æнусæй нæ эрæйы III æнусы онг ницы цæрæнран уыд, уæддæр.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]